ВАЖНО! Во Владикавказе завершился суд над Албеговым и Слановым
Æлбегаты Зелим æмæ Сланты Арсены хъуыддаг республикæйы цæрджытæ дзыхæй-дзыхмæ скъæфынц ныр цалдæр къуырийы. Абон дыууæ ирон сержантæн Дзæуджыхъæуы æфсæддон тæрхондоны рахастой кæронбæттæны уынаффæ. Лæппутæ сæхæдæг, сæ хиуæттæ æмæ æрдхæрдтæ уынаффæимæ разы не сты. Тæрхондоны раз абон адæм змæнтын райдыдтой. Бынаты куыста не сфæлдыстадон къорд дæр æмæ сæм байхъусæм.